Санкт-Петербургы райдыдта æппæтадæмон экономикон форумы куысты æртыккаг бон

Аватар автора
Петербургы райдыдта Æппæтадæмон экономикон форумы 3-æм бон. Цæгат Ирыстоны делегаци йæ сæргъы Сергей Меняйло, афтæмæй æнтыстджын архайы. Ныридæгæн регионы сæргълæууæг æмгуыстады бадзырд бафыста ВТБ банк-ы правленийы сæрдары хæдивæг Денис Бортниковимæ. Уымæй уæлдай ма регионы разамынд куыстуат «МосТранспроект»-ы генералон директор Владимир Титовимæ æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны траспортон инфраструктурæйы райрæзтыл. Организациимæ æмархайд фадат ратдзæн республикæйы транспортон системæ фæхуыздæр кæнынæн. Зæгъын ма хъæуы, уый æмæ нæ регион кæй бахауд национ рейтингы 20 хуыздæрты хыгъдмæ инвестицион климæты фæдыл. Абон уыдзæн форумы сӕйраг цау дӕр — Владимир Путины пленарон ӕмбырд. Петербурджы кусы не сфæлдыстадон къорд. Ӕппӕт бӕлвырд информаци базонӕн уыдзӕн нæ дарддæры равдыстыты.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0