Уӕрӕсейы ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ ӕххӕстбарджын минӕвар рамазан Абдулатипов архайдта конференцийы

Аватар автора
«Ирон граждайнаг фыссынады 190 азы» сæргондимæ наукон-практикон конференци ацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Архайдтой дзы Уӕрӕсейы ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ ӕххӕстбарджын минӕвар, зындгонд паддзахадон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Рамазан Абдулатипов ӕмӕ регионы разамонӕг Сергей Меняйло. Фембӕлд арӕзт ӕрцыд славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бонмӕ. Ныхас цыд нациты 'хсӕн ахастдзинæдтыл, рухстауынады ахадындзинадыл стыр бӕстӕйы адӕмты иудзинад фидар кӕныны хъуыддаджы. Æргом ма аздæхтой регионы иумӕйаг рухстауӕн проектты райрæзтмæ. Уӕрӕсейаг æхсӕнад «Знание»-йы лекторӕн республикӕйы ацы бонты нысангонд ӕрцыд стыр программӕ. Рамазан Абдулатипов куыд фæнысан кодта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Дагестан бӕттынц сӕрмагонд ахастдзинӕдтӕ ӕмӕ уыцы хӕлардзинад хъӕуы фидар кӕнын.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0