Дзанайты Барис æмӕ Уӕрӕсейы рухсады министры хӕдивӕг Андрей Николаев ӕрдзырдтой ахуырады

Аватар автора
Дзанайты Барис æмӕ Уӕрӕсейы рухсады министры хӕдивӕг Андрей Николаев ӕрдзырдтой ахуырады системӕйы райрӕзт ӕмӕ ахуыргæнæндæттæ сног кæныныл. Уыцы нысантæн 2026-æм азы Цӕгат Ирыстон райсдзӕн 3 млрд æмæ 6 млн сомы федералон бюджетӕй. Фæрæзтæй регионы дарддæр сараздзысты 2 скъола æмæ 2 рӕвдауӕндоны. Æдæппæтæй бындуронӕй сцалцӕг кӕндзысты 26 скъолайы, 6 рӕвдауӕндоны ӕмӕ 6 колледжы. Балхӕндзысты ифтонггарз 171 ахуыргæнæндонæн. Уымӕй уӕлдай, Елхоты аварион скъола сног кӕндзысты. Ныхас ма цыд 2022-2027-æм азты бындурон цалцӕджы программӕйыл: ис дзы 138 скъолайы, 11 млрд сомӕй фылдӕрæн. Цӕгат Ирыстоны райдыдтой цалцӕг кӕнын колледжтӕ дæр: 2 сæ цӕттӕ сты, 11 та ма сног кӕндзысты иннæ азы кӕронмӕ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0