Ставд-Дурты скъолайы цалцæг фæуынмæ хъавынц сетябрьмæ

Аватар автора
Хъармгæнæнтæ нæ куыстой, кълæстæ — уымæл, къултæ — зӕронд. Ставд-Дурты скъола сарӕзтой 90 азы размӕ, Фыдыбӕстӕйы стыр хӕсты агъоммæ. Уæдæй нырмæ ам бындурон цалцӕг кодтой ӕрмӕст иунӕг хатт. Ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ-иу сæхæдæг куыд нæ базылдысты агъуыстытӕм, фæлæ ахуырдоны хъуыд ӕххӕст ӕмӕ ахъаззаг цалцӕг. 3 мæймæ ам бирæ ивддзинæдтæ æрцыд. Ныридæгæн баивтой бæстыхайы сæр, дыккаг уæладзыджы — пъолтӕ, дуӕрттӕ, телтӕ ӕмӕ хъармгӕнӕн системӕ. Ныртӕккӕ аразджытӕ кӕнынц кӕронбӕттӕн фӕлыст. Тагъд райдайдзӕн фыццаг уӕладзыджы цалцæг дæр. Куыстытæ æххæстгæнæг куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй къултӕ уыдысты тынг ӕвзӕр уавӕры. Аразджытӕн сӕ бон баци къултӕ слӕгъз кӕнын. Ныр сӕ хъӕуы сахорын. Фæлæ уал пъолтӕ хъуамæ фæуой. Ныртӕккӕ скъолайы кусы 20 адӕймаджы: электриктӕ, сантехниктӕ, маляртӕ ӕмӕ бетонгӕнджытӕ. Кӕд райдианы зындзинӕдтӕ ӕвзæрстой, уӕддӕр бригад карзӕй ӕххӕст кӕны график. Ам фӕзындзӕн цалдӕр ног кабинеты. Уый тыххӕй аразджытӕ стыр залтӕ адих кодтой дыууӕ хайыл. Скъолайы ахуыр кӕны ӕрмӕст 60 сывæллоны, фӕлӕ сын раздӕры 15 къласы нӕ фаг кодтой. Бындурон цалцӕг цӕуы национ проект «Фӕсивӕд ӕмӕ сывӕллӕттӕ»-мӕ гӕсгӕ. 1-æм сентябры скъоладзаутæ ахуыр кӕнын райдайдзысты нырыккон ӕмӕ ӕнцонвадат уавӕрты.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0