2028 азы Цӕгат Ирыстоны скусынвæнд кӕнынц чысыл гидроэлектростанцӕ «Барс»

Аватар автора
2028 азы Цӕгат Ирыстоны скусынвæнд кӕнынц чысыл гидроэлектростанцӕ «Барс». Уый тыххæй фехъусын кодтой Дзанайты Барисы разамындӕй ӕмбырды. 5,2 МВт тыхимæ объект фӕзындзӕн Алагиры районы Фыййагдоны цæугæдоныл. Хицауады сӕрдар фӕбӕрӕг кодта республикӕйы бӕрзонд хъомыс гидроэнергетикӕйы къабазы. Ног егъау проект та сты куысты бынӕттӕ, хъалоны фиддонтӕ бюджетмӕ ӕмӕ энергоӕввонгады фидардзинад тыхджындæр кӕнын. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзыстæм, республикӕйы территорийыл генерацион хъомыс фылдӕр кӕныныл премьер бæстонæй ныхас кодта апрелы Кавказы инвестицион форумы фæзы Минеральные Воды горæты.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0