Сæрмæтаг археологийы тыххæй, фестиваль «Бонвæрнон» æмæ проект «Фыдæлты Хæдзар» I Йæ рæстæгыл

Аватар автора
Дзæуджыхъæуы уыд æппæтуæрæсеон 12-æм конференци «Сæрмæтаг археологи æмæ историйы проблемæтæ». Нæ бæстæйы æмæ дзы Казахстаны ахуыргæндтæ дзырдтой цæугæцардгæнæг адæмыхæттыты культурæйыл æмæ сæ рæзтыл. Цавæр цымыдисаг хабæрттæ æмæ дзы хъуыддæгтæ базыдтой ахуыргæндтæ æмæ цавæр ног зонындзинæдты тыххæй фехъусын кæнæн ис Ирыстоны цæрджытæн? Уыдæттыл «Йæ рæстæгыл» ныхас кæнæм ахуыргæндтимæ. Фæсивæдон театралон фестивалы куыст йæ кæронмæ æрхæццæ Ирыстоны. Йæ ном уыд «Бонвæрнон». 74 скъолайæ кæронбæттæн хаймæ рацыдысты 23-йæ. Нæ студимæ фæхуыдтам, чи дзы архайдта, уыдонæй цалдæры. Аивад, сфæлдыстад æмæ, æмткæй, культурæмæ цы фæхауы, уыцы дзаумæттæ æмæ уацмыстæ æнæмæлгæ вæййынц. Кад æмæ ном скæнынц æрмæст йæ саразæгæн нæ, фæлæ æнæхъæн нацийæн дæр. Чи зоны, æмæ уыцы хъуыды сразæнгард кодта не `мзæххонты Дзæуджыхъæуы «Фыдæлты Хæдзар» байгом кæнынмæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0