ЦИПУ-йы сбӕрӕг кодтой уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон

Аватар автора
Уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон сбӕрӕг кодтой Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Уырыссаг филологийы факультеты студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ дидинджытӕ сӕвӕрдтой Александр Пушкины цыртдзӕвӕныл. Номдзыд поэт нымад у уырыссаг литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕгыл. Йӕ уацмыстӕ тӕлмацгонд сты дунейы бирӕ ӕвзӕгтӕм. Номарæн мадзал адарддæр университеты чиныгдоны. Архайджытӕн сарӕзтой виртуалон балц Александр Пушкины биографийыл, йæ уарзон бынӕттыл. Уыимæ ма студенттӕ дзырдтой æмдзæвгæтæ испайнаг, сербаг, ирон ӕвзӕгтыл.

0/0


0/0

0/0

0/0