Республикӕйы дарддӕр цӕуы сӕйраг паддзахадон фӕлварӕн раттыны бындурон къӕпхӕн

Аватар автора
Дарддӕр цæуы сæйраг паддзахадон фæлварæн раттыны бындурон къӕпхӕн, абон партӕты уæлхъус ӕрбадтысты 8 мин фарӕстӕмкъласоны. Ӕдӕппӕтӕй Цӕгат Ирыстоны байгом кодтой 42 пункты, предметты хыгъды — иууылдӕр, уырыссаг æвзаг ӕмӕ математикӕйӕ фӕстӕмӕ, уыдон фæсивæд ныффыстой 2-æм ӕмӕ 9-æм июны. Рӕстӕмбис нымадмæ гæсгæ фӕлварӕн ахӕссы 3 сахаты бӕрц, цӕмӕй процедурӕ ӕнтыстджынӕй ацӕуа, уый тыххӕй фаг у æппæты къаддæр къӕсӕр ахизын — 5-ӕй 15 баллы онг. Разӕй та фæткмæ гӕсгӕ уæлæмхасæн бонтӕ, сæйраг паддзахадон фæлварæн ацы 'мгъуыд раттӕн ис цалдӕр аххосагмӕ гӕсгӕ - йе ' нӕниздзинадмӕ гӕсгӕ, ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ бӕрӕггӕнӕн кӕнӕ ӕнтыстджын апелляци куы уа, уӕд.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0