Цӕгат Ирыстоны студентӕ рамбылдтой 11 хӕрзиуӕджы ӕппӕтуӕрӕсеон студентон уалдзӕджы

Аватар автора
Студентон уалдзӕджы ӕппӕтуӕрӕсеон къæпхæнмæ фӕсивӕд сӕхи цӕттӕ кодтой цалдӕр мӕйы. Егъау фестивалы колледжæй архайдтой 29 студенты. Номинацитӕ цалдӕр уыдысты. Се 'хсæн театралон равдыстытӕ, кӕфтытӕ, музыкӕ ӕмӕ регионалон программӕ. Конкуренци бæрзонд рауад. Æркасты, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сæмбырд сты бӕстӕйы ӕппӕт субъекттӕ дӕр. Нӕ командӕ сласта 11 хӕрзиуӕджы æмæ сæрмагонд лæвæрттæ. Ӕппӕтуӕрӕсеон студентон уалдзæджы колледж архайы фӕндзӕм хатт. Фестиваль расидынц нацпроект «Фӕсивӕд ӕмӕ сывӕллӕттӕ»-мӕ гӕсгӕ. Алы рацыд дӕр — тыхст ӕмӕ алыхуызон æнкъарæнтимæ. Софияйæн ацы балц сси дыккаг. Чызг уыцы иу рӕстӕг архайдта ӕртӕ номинацийы: театр, пластикӕ ӕмӕ модӕ. Репетицитӕн лæвæрдтæ йӕ уӕгъд рӕстӕг иууылдӕр. Болататы Артурӕн ацы фестиваль уыд фӕстаг. Колледжы рауагъдон «Студентон уалдзӕджы» ныр ӕртыккаг хатт архайы. Ӕвзонг лӕппу сси номинаци «Аивадон дзырд»-ы хуыздӕр. Колледжы командӕ нысан кæны ног пълантӕ ӕмӕ хъуыды кӕны, иннӕ аз жюрийы дисы цӕмӕй бафтаутауа, ууыл. Разамынды фидарæй уырны: студенттӕ хъуамӕ тыхджын уой сӕ дӕсныйады дӕр ӕмӕ се сфӕлдыстады дӕр. Курдиатджын фӕсивӕды уӕлахизтӕ та сты, ахӕм ахаст фӕстиуӕг кӕй дӕтты, уый хуыздӕр ӕвдисӕн. Милдзыхты Амалия, Дзукъаты Маринæ

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0