Уæлахизы парад Дзæуджыхъæуы райдайдзæн 11 сахатыл

Аватар автора
Уæлахизы парад Дзæуджыхъæуы райдайдзæн 11 сахатыл. Ахæм уынаффæ рахастой республикæйы Оперативон штабы æмбырды. Парад куы фæуа, уæд та уыдзæн акци «Æнæмæлгæ полчы» цыд. Ныхасы ахсджиаг темæтæ систы 9-æм майы æхсæнадон æдасдзинады æмæ барадон фæтк бахъахъхъæныны фарстатæ. Æфсæддон парад æмæ «Æнæмæлгæ полк» арæзт уыдзысты традицион хуызы. Нæ хæс у æппæт архайд афтæ рацаразын, цæмæй æдасдзинады домæнтæ æххæстгонд æрцæуой, - загъта Сергей Меняйло. Регионы разамонæг барадхъахъхъæнджытимæ æрдзырдта дзуапдæттæг оргæнты æмархайдыл. Бахæс сын кодта бахъуаджы сахат уайтагъд сарæхсынмæ цæттæ уæвын.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0