6-ӕм майы 15 азы сӕххӕст Дзӕуджыхъӕуы епархийыл

Аватар автора
Ахсджиаг бон Цæгат Ирыстоны чырыстæттæн. Дзӕуджыхъӕуы епархийыл сæххæст 15 азы. Сергей Меняйло раарфӕ кодта Герасимӕн ӕмӕ ӕппӕт дины кусджытӕн. Бузныг загъта нæ адӕмы сабырдзинад ӕмӕ фарныл кувыны æмæ ӕхсӕнады рӕзты пайдайӕн архайды тыххӕй. Сӕргълӕууӕг куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй уал азмæ епархи аккаг бынат бацахста Цӕгат Ирыстоны монон царды, сси чырыстон дины ахсджиаг центр ӕмӕ ахадгӕ ӕвӕрӕн хӕссы Цæгат Кавказы нациты 'хсӕн сабырдзинад фидар кӕнынмӕ. Сӕрмагонд кады аккаг — чырыстон традицитӕ бахъахъхъӕныныл куыст, фӕсивӕды монон-намысон хъомылад, бинонтæн ӕххуыс æмæ республикӕйы ӕхсӕнадон царды архайд. Уыцы азтæм епархи аккаг бынат бацахста Цӕгат Ирыстоны монон царды, сси республикӕйы чырыстон дины ахсджиаг центр ӕмӕ ахадгӕ ӕвӕрӕн хӕссы Цӕгат Кавказы нациты ӕхсӕн сабырдзинад фидар кӕнынмӕ. Сӕрмагонд кады аккаг — чырыстон традицитӕ бахъахъхъӕныныл куыст, фӕсивӕды монон-намысон хъомылад, бинонтæн ӕххуыс æмæ республикӕйы ӕхсӕнадон царды архайд. Арфӕ кӕнын Герасим ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы епархийы ӕппӕт дины кусджытӕн нӕ адӕмы сабырдзинад ӕмӕ фарныл куывд, ӕхсӕнады монон рӕзты пайдайӕн архайды тыххӕй. Дзӕуджыхъӕуы епархийӕн мӕ зӕрдӕ зӕгъы дарддӕры рӕзт ӕмӕ бӕркад, чырыстæттæн та се 'ппӕтӕн дӕр сабырдзинад æмæ хорздзинад!

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0