Дзанайты Барис амыдта ведомствӕты `хсӕн къамисы ӕмбырд ӕӕзакъон куыстифтонгады ныхмӕ

Аватар автора
Цæгат Ирыстоны фарон, официалон æгъдауæй чи нæ куыста, ахæм 11 мин адӕймагӕй фылдӕр бафыстой фӕллойадон бадзырдтӕ. Уый тыххæй фехъусын кодтой ведомствæты 'хсæн къамисы æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Архайджытӕ хицӕнӕй ӕрныхас кодтой фӕсивӕды куыстифтонгадыл. Премьер бафиппайдта, абитуриенттӕ хъуамӕ зоной — ныртӕккӕ ӕппӕты хъӕугӕдӕр цавӕр специалисттӕ сты. Уый тыххӕй та хъуамæ куыстдæттæн службӕтæ, бизнес-ӕхсӕнад æмæ ахуыргӕнӕндӕтты 'хсæн æнгом æмархайд уа. Хицауады сӕрдар бабар кодта куысты бынæтты армукъаты хатдзӕгтӕ раиртасын. Уæлдай хъусдард — сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытӕ ӕмӕ сӕ бинонтæм. 2025-æм азы 11 адӕймаджы райстой фӕйнӕ 500 мин сомы хи хъуыддаг байгом кӕнынӕн. Ноджы ма сын ӕххуыс кӕнынц куыст ссарын ӕмӕ ног ахуырад райсыны хъуыддаджы дӕр.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0