«Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты лӕгдзинады парк» байгом уыдзæн Лескены

Аватар автора
«Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты лӕгдзинады парк» байгом уыдзæн Лескены. Ахӕм ном равзæрстой ӕфсӕддонты мадӕлтӕ ӕхсӕнадон ӕмбырды. Хъӕуӕй сӕрмагонд æфсæддон операцимӕ ацыдысты æртын адӕймагӕй фылдӕр, авдӕй фӕмард сты. Сӕ ном сӕнусон кӕндзӕн бацӕуӕны гранит аркӕ: сӕвӕрыны хъӕппӕрис йӕхимӕ райста Хӕмыцаты Лейлӕ, Запорожьейы 'рдыгæй хъӕбатырӕй чи фӕмард, уыцы Хӕмыцаты Султаны мад. Парк, йӕ фӕзуат цыппар мин квадратон метры, сарӕзтой федералон программӕ «Горӕтаг удӕнцой уавӕрты арӕзтад», нацпроект «Жильё и городская среда»-мӕ гӕсгӕ. Бынат ныридӕгӕн Ӕрӕфы районы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджыты йæхимæ лвасы. Ног ӕхсӕнадон тыгъдад сифтонг кодтой - турниктӕй, тренажертӕй, горкӕтӕй. Байтыдтой асфальт ӕмӕ фӕлмӕн резинӕ, сӕвӕрдтой гæрæнтæ ӕмӕ рухсдæттæн системæ. Хӕрзвадаты кӕронбӕттӕн къӕпхӕн сӕххӕст кӕндзысты сӕрмагонд операцийы хъайтарты мадӕлтӕ: уыдон алфамбылай саив кæндзысты цъæх фæлыстæй.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0