15-ӕм майы Цӕгат Ирыстоны бӕрӕг кӕнынц ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон

Аватар автора
Цӕгат Ӕмӕ Хуссар Ирыстоны бӕрӕг кӕнынц ахсджиаг бӕрӕгбон – ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон. Дыууӕ республикӕйы дӕр ацӕудзысты сæрмагонд мадзӕлттӕ. Дзӕуджыхъӕуы традицимæ гæсгæ Хетӕгкаты Къостайы ингӕныл ирон аргъуаны пантеоны дидинджытӕ сӕвӕрдтой республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, хицауады уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ, ирон интеллигенцийы минæвæрттæ, скъоладзаутæ. 2003 азы фыст æрцыд сæрмагонд Указ, цæмæй 15-æм май банымайой ирон æвзаг æмæ литературæй боныл. Уымæн æмæ ацы бон 1899-æм азы рухс федта ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр». Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис фæнысан кодта мадæлон æвзаг уарзын æмæ хъахъхъæныны ахсджиагдзинад.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0