Дзанайты Барис ӕмӕ Мгер Гандилян ӕрныхас кодтой къабазы райрӕзтыл Цӕгат Иристоны

Аватар автора
Ацы аз спортивон инфраструктурæйы райрæзтæн Цæгат Ирыстоны рахай кæндзысты 400 милуан сомæй фылдæр. Фæрæзтæ арвитдзысты арæзтад æмæ цалцæгæн, кусæнгæрзтæ æмæ спортивон инвентарь балхæнынæн, программæ «Хъæууон тренер» æххæст кæнынæн. Уы тыххæй æрныхас кодтой, Мӕскуыйы спорты министры хӕдивӕг Мгер Гандилян ӕмӕ республикӕйы хицауады сӕрдар Дзанайты Барис цы ӕмбырд сарӕзтой, уым. Регионæн фæрæзтæ радих кæндзысты Дзæуджыхъæуы физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексы арæзтадæн. Уыдзæн дзы бассейн æмæ æхгæд футболон комплекс. Хицæнæй ныхас цыд «Манеж»-ы рацарæзтыл. Документты пакет ныридæгæн арвыстой федералон министрадмæ. Проект æххæст кæндзысты 2030-æм азæй.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0