Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц сывæллæтты хъахъхъæныны Æппæтадæмон бон

Аватар автора
Сæрды фыццаг бæрæгбон. Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц сывæллæтты хъахъхъæныны Æппæтадæмон бон. Сергей Меняйло йæ телеграм каналы куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны дарддæр дæр араздзысты хæрзвадат уавæртæ æппæт сабиты райдзаст цардæн. Нырыккон скъолатæ, æнцонвадат спортивон секцитæ æмæ къордтæ. Сæргълæууæг раарфæ кодта республикæйы æнахъомтæн æмæ сын йæ зæрдæ загъта уæндонæй сæ бæллицтæм тырнын. Хæстæг сын цы у, ахæм архайд æвзарой сæхицæн. Хистæртæ та кæддæриддæр уыдзысты сæ фарсмæ, цин сын кæндзысты се 'нтыстдзинæдтыл.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0