Поделиться в MAX

Мызуры поселочы бырон афоныл нæ ласынц

Аватар автора
Мызуры бирæфатерон хæдзæртты бахизæнтæ быроны бын фесты, æвгæнæн клапæн фæлхæрттимæ сæмхæццæ кæнæн зын нæу, тæф æмæ лыстæг цæрæгойты кой кæнын та уæвгæ дæр нæ хъæуы — уæлдай тынгдæр тыхсынц фыццæгæм уæладзыджы цæрджытæ. Бырон ласыны хъуыддаг цыма рох фæкодтой, чи зоны та йæ æппындæр мысгæ дæр не ркодтой, афтæ. Фæстаг хатт сæрмагонд хæдтулгæ бынаты федтой 7 августы, дыууæ къуырийы размæ, афтæмæй та бадзырдмæ гæсгæ фæлхæрттæ æппынкъаддæр къуыри 3 хатты ласой. Раст чи у æмæ зылын чи у, уый æвзарын цæрджытæ бафæлладысты. Быроны контейнер йæ былтæй акалд, хæтæл дæр дзаг кæны, æвæццæгæн ныр дыккæгæм уæладзыджы онг схæццæ. Йæ быны котейнер лæууы, байдзаг вæййы æмæ бырон дарддæр цы фæуа, уый нал вæййы. Дуапдæттæг ведомствæтæ аххос сæ кæрæдзимæ æппарынц, уæдмæ ууыл тыхсынц бынæттон цæрджытæ. Не сфæлдыстадон къорды фæрцы, хъуыддаг йæ бынатæй фенкъуысыд. Æрмæг куыд истам афтæ Мызурмæ ссыдысты специалисттæ. Хæдтулгæйыл поселочы цæрджытæ æхсызгонæй сæмбæлдысты. Фæлæ «ЭРА»-йы кусджытæ уавæр фæхуыздæрæй ныфс нæ бавæрдтой. Разамындæттæг компани йæ хæстæ рæстмæ нæ æххæст кæны. Иу æмæ дыууæ хатты нæ хъаст кодтам, быроны бактæ æмбæлгæ уавæрыл кæй не сты, уымæй. Бактӕ ӕнӕ цӕлхытӕй, куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уый уыд фарстайы бындур. Къухæй бырон хæссын кусджыты хæс нæу, контейнер хъуамæ ратул-батул кæна. Фæлæ, кадрты куыд зыны, афтæ, уый æнцон хъуыддаг нæу. Разамынддæттæг компанийы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй бырон бирæ кæй ис, уый тыххæй цæлхытæ сæтгæ кæнынц. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0