Поделиться в MAX

Проект «Хъӕбатырты цӕсгӕмттӕ» скъолаты кӕртытӕм сгуыхтдзинӕдты истори здахы

Аватар автора
Зæронд агуыридурӕй амад къулыл — тӕхӕг-ас Василий Коняхин. Ӕрхоны станицӕйы 2-ӕм скъола йӕ ном хæссы. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг ын уыд 227 хӕстон атахты. Йӕхӕдӕг ӕрӕппӕрста знаджы 17 хӕдтӕхӕджы. Ирыстонмæ 'рыздæхт Советон Цӕдисы Хъӕбатырæй. Йӕ цӕсгом сыгъд уыдис ӕмӕ цӕстӕй нал уыдта. Уӕддӕр йӕ къухтæ не ' руагъта. Каст фӕци техникум, арӕзта хӕдзӕрттӕ, фӕстӕдӕр та æрлӕууыд Терчы хъазахъхъаг ӕфсады сӕргъы. Зӕронд къулыл ныв кӕнын æнцон нæу, фазтæ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ. Раздӕр эскиз саразын. Стӕй йӕ къулмӕ рахӕссын проекторæй. Уый фӕстӕ райдайы бынаты куыст. Ацы ран ӕз пайда кӕнын шпаклевкӕйӕ. Къултӕ сты къуыппытӕ 'мӕ дзыхъхъытӕ, уымӕ гӕсгӕ сыл ахорӕн нӕ фидар кæны. Уый фæдыл æрхъуыды кодтам сӕрмагонд технологи: ныв кӕнӕм фасадты урс цемент шпаклевкӕйӕ. Уый фидар у уымӕл ӕмӕ ӕвзӕр боныхъӕдмæ. Нывгӕнӕг арæхдæр равзары графикæ. Сӕтты, цӕсгом ныв кӕнын ӕппӕтӕй зындӕр кӕй у, ууыл. Цалдæр хатты дæр æрхизы зӕхмӕ, иуварс ацӕуы ӕмӕ скӕсы эскизмӕ. Ахӕм техникӕйы фыццаг хатт нӕ кусы. Уый размӕ урс шпаклевкӕйӕ сныв кодта Алагиры скъолайы къулыл Баситы Чабӕханы портрет. Скъоладзаутӕ кӕддӕриддӕр цымыдисӕй фæкӕсынц нывгӕнджыты куыстмӕ. Сывӕллӕттӕ-иу ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу нӕм фӕрстытӕ лӕвӕрдтой. Арæхдæр алцыдӕр сӕ зӕрдӕмӕ фæцæуы. Ӕрхоны станицӕйы скъола у стыр патриотон проекты иу хай. Расидтис ӕй республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Сӕйраг мадзаларазæг — парти «Иугонд Уӕрӕсе». Ацы куыст у сæ адӕмон программӕйы ахсджиагдӕр къабӕзтӕй иу. Арӕзтады министрад æмæ Ахуырады Министрадимӕ стæй...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0