Поделиться в MAX

Хицауады оргӕнты ӕмӕ æфхæрдтæ æххæстгæнæн федералон службæйы æмархайдыл ныхас цыд Дзанайты Барисы

Аватар автора
Хицауады оргӕнты ӕмӕ æфхæрдтæ æххæстгæнæн федералон службæйы æмархайдыл ныхас цыд Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Æрдзырдтой республикӕйы рӕстгæнæн кусӕндӕтты промышленнон куыстады хъомысыл ӕмӕ тӕрхонгонд чи æрцыд, уыдоны фæллойадон адаптацийыл. Ӕфхӕрд чи æххæст кæны, уыдон цӕуынц профессионалон ахуыртæ. Разæнгард сæ кæнынц æфхæрдтæ æххæстгæнæн федералон службæйы объекты куыстмæ. Сæ фылдæр аразынц хӕдзары дзауматæ, хуыйӕн продукци, чысыл архитектурон формӕтӕ. Ахӕм мадзӕлттӕ æххуыс сты Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты ахсджиаг нысантæн. Специалисттӕ ӕххӕст кӕнынц паддзахадон заказтӕ социалон кусæндæттæн. Регионы ӕфхӕрдтæ ӕххӕстгӕнӕн федералон службӕйы разамынд ӕмӕ хицауады 'хсæн фыст æрцыд бадзырд æмархайды тыххæй. Æмгуыстады фæрцы бантысы цыбыр æмгъуыдтæм контракттæ саразын, бюджеты фæстауæрц, уыимæ заказгæнæгæн куысты цыд бæрæг кæныны фадат алы къæпхæныл дæр.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0