Сергей Меняйло амыдта аппаратон ӕмбырд

Аватар автора
Дзӕуджыхъӕуы къæвдайы дондзæуæн системæ ныр уыдзæн цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады бæрны. Ахӕм уынаффæ аппаратон ӕмбырды рахаста Сергей Меняйло. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзыстæм, ивгъуыд къуыри тӕрккъӕвда доны бын фӕкодта горӕты иу хай. Дон ӕрӕмбырд уынгты, бирӕфатерон хӕдзӕртты кӕртыты ӕмӕ хæдтулгæты цыд баурæдта. Специалистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, аххосӕгтӕ цалдӕр сты. Аразджытӕ арӕх бахъыгдарынц дондзæуæн стемӕмӕ. Ног микрорайонты та уæвгæ дæр нӕй, суанг проекты дӕр. Арӕх, вӕййы ахӕм хабар дӕр, ӕмӕ, чи кусы, уыцы донæмбырдгæнæн асфальтæй бамбæрзынц, фӕндӕгтӕ цалцӕг кӕнгӕйӕ. Ныхас ма цыд сӕрдыгон дзӕбӕхгӕнӕн кампанийыл. Сергей Меняйло бабар кодта, цӕмӕй скъоладзауты Сау денджызы былмӕ ма 'рвитой ӕмӕ ахъуыды кӕной æндæр фæлладуадзæн бынæттыл. Æрдзырдтой Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны боныл дӕр. Уӕлдай цæстдард — йе 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы æнахъомтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны цот, æххуысцух бинонтæ, Донецк æмæ Лунагскы адæмон республикæтæй сывæллæттæм.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0