Поэт Баситы Зæлинæ

Аватар автора
Ирон адæмæн стыр хæсты чи цæуы, дзырдаивадæн фарны лæггад чи кæны, хъуыддагæй нæ дзыллæйы иудзинадыл чи архайы, уыдон бирæ сты. Се 'хсæн поэт, тæлмацгæнæг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Баситы Зæлинæ. Йе сфæлдыстадон къæбиц дзаг у кадджын хæрзиуджытæй. Уæвгæ, Зæлинæ у бирæ зарджыты автор. Йæ сисы бынæй рацыдысты æмдзæвгæты æмбырдгондтæ. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Уæрæсейы гимн æмæ хæстон зарджытæ. Уыдон ирон æвзагыл куы фæзæлынц, уæд сын фæзыны уæлдай мидис. Сæ рæнхъытæ зæрдæмæ арф бахъарынц. Абон, ирон æвзаг æмæ литературæйы бон ма хуыздæр кæимæ ис мадæлон æвзаджы хъысмæтыл, райрæзтыл æрдзурæн? Бавдæлдыстæм, æмæ Зæлинæйы нæ студимæ фæхуыдтам.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0