Паддзахадон кусджыты `хсæн фыццаг æппæтуæрæсеон олимпиадæйы регионалон къæпхæн дарддæр цæуы

Аватар автора
Дарддæр цæуы паддзахадон, граждайнаг æмæ муниципалон кусæндæтты 'хсæн Фыццаг æппæтуæрæсеон олимпиадæйы регионалон къæпхæн. Абон стадион «Спартак»-ы ацыд ерыстæ рог атлетикæйæ - сæргълæууæджы æмæ республикæйы хицауады администраци, министрадты æмæ ведомствæты минæвæртты 'хсæн. Раздæр та ма уыд ерыстæ баскетбол, стъолыл хъазгæ теннис æмæ шахмæттæй. Уыимæ ма сараздзысты турнир мини-футбол æмæ ленк кæнынæй дæр. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты майдантæй, кады гæххæттытæй æмæ лæвæрттæй. Мадзал арæзт æрцыд «Уæрæсейы спорт»-ы программæйы фæлгæты. Йæ саразыныл бацархайдтой Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министрад.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0