Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты бындурыл байгом сывæллæтты клуб

Аватар автора
Рыст æмæ тасдзинадæй дарддæр ницы федтам. Афтæ йæ сабибонтæй фæдзуры Дзодзиаты Райæ. Фашисттæ Советон Цæдисмæ куы 'рбабырстой уæд ыл цыдис æрмæст 10 азы. Адæм нæ фаг кодта æмæ иу сывæллæтты æрвыстой Архонкæмæ колхозы быдырты кусынмæ. Рæстæг уæззау уыд, зæгъы Дзодзиаты Райæ. Хæринаг нæ фаг кодта, арæх æххормаг æййæфтам. Фылдæр хатт иу ссад æмæ нартхорæй цы баззад, уый бауæларт кодтой. Германи капитуляцийы рæстæг Райæйыл 14 азы цыд. Æстдæсаздзыдæй та смой кодта Дзодзиаты Юриймæ. Скъæфгæ йæ акодта. Уыцы цау бинонтæ абон дæр хъæлдзæгæй æрæмысынц. Иу изӕр Райæ йе ' фсымӕры фенынмӕ рынчындонмӕ куы ацыд, уӕд Верӕ дӕр йемӕ араст. Уыцы рæстæг æм Юрий чысыл фалдæр æнхъæлмæ каст. Чызджытæ фæстæмæ куы здахтысты, уæд Верæ Райæйы машинæмæ бакодта, цыма фæстæмæ сæхимæ здæхынæн уыд, афтæ. Йæхæдæг дæр æй нæ зыдта, афтæмæй Юрийы хæстæджы машинæйы сбадт. Афтæ чызг бахауд Æрыдонмæ, Дзодзиаты хæдзармæ. Уым фæцардысты дыууæ мæйы, уый фæстæ рацыдысты Зджыдмæ, уым Юрий куыста шахтерæй. Бинонтæн райгуырд лæппу Эльбрус æмæ чызджытæ Тамарæ æмæ Фатимæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ ралыгъдысты Мызурмæ. Шахтæты уыд хус къахт. Æппынæдзух рыг æмæ уæззау куыстæй Юриймæ фæзынд рæуджыты низ, силикозыл стыхджын. 28 аздзыдæй Райæ баззад иунæгæй æртæ сывæллонимæ. Абон Райæмæ уазæгуаты æрбацыдысты «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ. Æрбахастой йын лæвæрттæ, иумæ фынгыл абадтысты. Хистæр фæлтæрыл узæлын у партийы сæйраг здæхтытæй иу. Депутаттæ радтой лæвæрттæ æмæ базыдтой Райæйы уæззау царды хабæрттæ. Ахæм фембæлдтытæ...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0