Мысӕн ӕмӕ хъыджы бон ӕнусон артыл дидинджытæ сӕвӕрдта Сергей Меняйло

Аватар автора
Мысӕн ӕмӕ хъыджы бон ӕнусон артыл дидинджытæ сӕвӕрдта Сергей Меняйло. Уыимæ республикæйы хицауады уæнгтæ, дины, тыхы структурӕты минӕвӕрттӕ, ӕхсӕнадон кусджытӕ ӕмӕ студенттӕ. 1941 азы 22 июны, 85 азы размӕ райдыдта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст, ахаста 27 милуан адӕймаджы цард. Ӕрмӕст Цӕгат Ирыстонӕй фронтмӕ ацыд 95 мин салдатӕй фылдӕр ӕмӕ дзы алы дыккаг дӕр фӕстӕмӕ нал сыздæхт. Не 'мбӕстӕгтӕй 79 систы Советон Цӕдисы хъӕбатыртӕ. Акци цӕуы ӕрвылаз, архайынц дзы алы фӕлтӕртӕ. Афтæмæй ма уый иу хатт нысан кæны, сæ ном æнусон кæй у, уый.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0