«Иу театр — иу хъысмӕт»

Аватар автора
«Иу театр — иу хъысмӕт»: Дзӕуджыхъӕуы уыд Тотраты Бесæ, Брытъиаты Елбыздыхъо, Брытъиаты Зариффӕйы мысӕн изӕр. Ирыстоны национ драматурги, режиссурӕ ӕмӕ актеры дӕсныйадӕн бындур чи сӕвӕрдта, уыдоны ном ссардтой проект «Великие старики великого театра»-йы фӕлгӕты. Мадзалмæ æрбамбырд сты сфӕлдыстадон интеллигенци, фысджытæ, нывгӕнджытæ, артисттæ ӕмӕ студенттæ. Программӕ бацӕттӕ кодтой проекты автор Хъараты Ритӕ ӕмӕ Ирон литературӕйы музейы хистӕр наукон кусӕг Гасанты Валерий. Амонджытӕ раргом кодтой архивон факттӕ, мысинӕгтӕ. Радзырдтой Ирон театры сырӕзтмӕ ӕртӕ дӕсныйы цы егъау æвæрæн бахастой, уый тыххæй. Фембӕлды архайджытӕ куыд фӕбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ацы хъӕппӕрисæн ис ахсджиаг нысаниуæг — хъахъхъӕнын Ирыстоны историон ном фидӕны фӕлтӕртӕн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0