бинонтæн Цæгат Ирыстоны ацы аз райстой иухаттон фиддон сывæллоны райгуырды фæдыл

Аватар автора
Мин фондз сæдæ бинонтæм хæстæг ацы аз райстой сывӕллоны райгуырды фæдыл иухаттон фиддон. Се 'хсæн, чи нӕ кусы, уыцы ныййарджытӕ дӕр. Уæрæсейы Социалон фонды хайад уыцы нысантæн радих кодта æртын фараст милуан фондз сæдæ мин сомы. Йӕ бæрц у дыууын аст мины цыппар сæдæ фæндзай сомы. Фиддон дӕттынц, ӕфтиаг ӕмӕ исбон нӕ хынцгӕйӕ. Бинонты ' хсӕн уыцы иу рӕстӕг цалдӕр сывӕллоны куы райгуыры, уӕд дзы алкӕмӕн дӕр фиддон снысан кæнынц. Фӕрӕзтӕ раттынц 10 кусгӕ бонмæ. Бинонты ' хсӕн дыууӕ ныййарӕджы дӕр кусгæ куы кæной, уӕд фæрæзтæ арвитынц сӕ иумӕ. Курдиат бадӕттӕн ис кусæндоны клиентон службӕйы кӕнӕ Паддзахадон Лӕггӕдты порталы.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0