Альберт Гучмазов & Стас Гучмазов - Ихджын дæ, ихджын суадон | Поют Осетины

Аватар автора
Ихджын дæ, ихджын суадон - Альберт Гучмазов & Стас Гучмазов Ихджын дæ, ихджын суадон, Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон. ☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.☺ (2 хатты) Урс доны былыл сау фæрдыг, Бирæ дзы уымæн банызтон. ☺Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг, Бирæ дæ уымæн бауæрзтон☺ (2 хатты) Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн, Донæй рæсугъддæр не 'ссардтон. ☺Усгур дæр бирæ фæцыдтæн, Дæуæй рæсугъддæр не 'ссардтон.☺ (2 хатты) Тæхуды, уымæн йæ къона, Йæ кæрты суадон кæмæн ис. ☺Тæхуды, уымæн йæ къона, Йæ фарсмæ уарзон кæмæн ис.☺ (2 хатты) Цы доны цæугæ ныууагътон, Уый мын фæйлауын куы хъуыди. ☺Цы чызджы кæугæ ныууагътон, Уый мын рæвдауын куы хъуыди.☺ (2 хатты) Сæрдыгон къæвда донласт у, Æдзух дæр æм нæрын цæуы. ☺Чызджы зæрдæ бынтон саст у, Æдзух дæр æм кæуын цæуы.☺ (2 хатты) Поют Осетины / Ossetians Sing / Зарынч Ирæттæ

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0