Ахуардзау Владимир Лемешев сси æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахидзау
irystontv
Мæнæ ацы хæслæвæрдтæ баххæст кæнын хъæудзæн конкурс "Большая перемена"-йы финалы. Владимир Лемешев "Создавая будущее" здæхты бацæттæ кодта хи проект. Уый у "Уæрæсейы аразгæ интеллекты райрæзты æмæ иртасыны центр". Темæ ныртæккæ у актуалон æмæ парахат. Проектмæ гæсгæ, центрæн уыдзæн мæнæ ахæм хуыз. Кусдзæн дзы 200 специалистмæ ввахс. Æрыгон адæймаг æрхъуыдыгонд зондимæ сæмбæлд "Кванториум"-ы дронтимæ куы куыста, уæд. Уæд æй фылдæр цымыдис кодтой. Проекты концепцийы райрæзтыл Владимир куыста йæ разамонæгимæ. Ацы къæпхæнæн бахъуыд 3 къуыримæ хæстæг. "Большая перемена"-йы ма архайдта фарон, фæлæ уæд бацыд æрмæст æрдæгфиналмæ - баллтæ йын нæ рафаг. Рæдыдтыл куысты æмæ тырнындзинады хатдзæг - æнтыстдзинæдтæ. Æрыгон адæймаг сси 2-аг къæпхæны лауреат, радтой йын 200 мин сомы. Владимир Лемешев бæстонæй цæттæ кæны Иумæйаг Паддзахадон фæлварæнмæ, цæмæй бæллицаг уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуа. Ацы аз "Большая перемена"-йы нæ республикæйæ архайдта 7 адæймаджы. Иууылдæр рацыдысты æрдæгфиналмæ. Конкурс цыд 12 тематикон æууæлмæ гæсгæ. Се &наукæ æмæ технологитæ, аивад æмæ сфæлдыстад, историон хъуыдыкæнынад, экологи æмæ æндæртæ.