Республикæйы иугонд командæ каратэйæ йæхи æнтысджынæй равдыста Æппæтуæрæсеон турниры

Аватар автора
irystontv
Ацы прием у каратэйы æппæтæй æнтыстджындæр. Фæлæ йæ саразын та афтæ æнцон нæу. Ахсджиаг у, спортсмен куыд тагъд сарæхса, уымæн та йын æххуыс у йæ спортивон цæттæдзинад, арæххстдзинад. Æмæ ныхмæлæууæджы фыццаг ныццæвын. Каратæ - чызджыты спорт нæу, зæгъгæ иу Борæдзаты Камиллæйæн дзырдтой сæ хæдзары. Фæлæ чызг йæхицæн сæвæрдта фидар нысан æмæ йæм цыд алы тренировкæйы дæр. Йæ спортивон фæндаг райдыдта 15 аздзыдæй. Уый спортсменæн æрæгмæйыл нымад у. Алы райсом дæр Хъæдгæронæй цыд Æрыдонмæ, уырдыгæй та Дзæуджыхъæумæ тренировкæтæм. Боны, стæй æнæмæнг хæрды фæтк. Уый у ахсджиаг алы спортсменæн дæр. Афтæмæй хорз бæрæггæнæнтæм Камиллæйы бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Мæскуыйы егъау турниры, Уæрæсейы 80 регионы 400 спортсмены хсæн Камиллæ сси фыццаг. Рамбылдта сызгъæрин майдан æмæ бæстæйы чемпионкæйы ном. Иумæйаг хыгъды республикæйы иугонд командæ ерысты бацахста 3-аг бынат. Се &спортсментæ дæр равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ. Ныр дарддæр дæр сæхиуыл кусдзысты, тырндзысты ног уæлахизтæм. Спортменæн сæйраг у царды бæлвырд фæтк. Уый зонынц се &дæр. Æнæ уымæй уæлахизтæм фæндагыл ссæуын нæ бантысдзæн. Уыимæ ма ахсджиаг у психологон цæттæдзинад дæр. Сæ тренер Томайты Альберты ныхæстæм гæсгæ, сын æххуыс кæны канд физикон нæ, фæлæ ма моралон æгъдауæй дæр алы ныхмæлæуды размæ. Æмæ спортсментæ кæд хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой, уæддæр сын æрвылбон дæр вæййы тренировкæтæ. Сæхи дарддæр цæттæ кæнынц ног ерыстæм.  

Скачать Видео с Дзена / Dzen

Рекомендуем!

0/0


0/0

0/0

0/0