Уæлладжыры комы Дагомы кувæндон ногæй рацараздзысты
irystontv
Дурæй конд быру, хъæдын дуар. Дагомы кувæндоны æддаг бакаст сног кæныныл архайынц реставратортæ. Бирæ азты дæргъы цæрджыты тыхсын кодта арæзтад кæй хæлы, уый. Ныр Аланийыл дзуæрттæ бафтыды 1100 азы сӕххӕсты кадæн арӕзт мадзæлтты фæлгæты объект хæстæгдæр рæстæг аразын райдайдзысты. Æппæт куыстытæ баххæст кæндзысты фыццæгæм декабрмæ.