Дзанайты Барис видеобастдзинады фæрцы архайдта культурон нысаниуæгимæ фæдыл æмбырды

Аватар автора
IRYSTONTV
Дзанайты Барис видеобастдзинады фæрцы архайдта культурон нысаниуæгимæ федералон объекттæ бахъахъхъæныны фæдыл æмбырды. Премьер фæбæрæг кодта, Цæгат Ирыстонæн ацы хæс уæлдай ахсджиаг кæй у. Фæстаг дыууæ азмæ Уæрæсейы Культурæйы министрадмæ курдиæттæ балæвæрдтой 26 раззагдæр объекты рацаразыны фæдыл. Ныридæгæн снывыл кодтой дыууæ цыртдзæвæны - «Мæсгуыты 5 дзæппазы» Фæсналы æмæ "Брытъиаты хъахъхъæнæг мæсыг, астæуккаг æнустæ" Дæллагхъæуы. Уалдзæджы специалисттæ куыст райдайдзысты Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны Лисрийы. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй, ацы нысантæм хъус дары республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0