Поделиться в MAX

Ирыстоны сбæрæг кодтой Хетæджы Уастырджийы бон

Аватар автора
Ацы бæрæгбоны истори Ирыстоны алы адæймаг дæр зоны. Фæлтæрæй фæлтæрмæ йæ стыр диссагау дзурынц. Рагон таурæгъмæ гæсгæ, кæсгон æлдары фырт Хетæг чырыстон дин райста. Йе 'фсымæртæ уый куы базыдтой, уæд æй амарынвæнд скодтой. Хетæгæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ йæ райгуырæн бæстæйæ ралыгъд. «Хетæджы къохмæ бафтын дзæнæты къæсæрæй бахизынæй уæлдай нæ вæййы», — фыста поэт Хъодзаты Æхсар. Дзырдта: æнусон тулдзытæ, тæрсытæ æмæ кæрзытæ сæ пæлæхсар бæзсыф къалиутæ кæрæдзиуыл афтæ сбыдтой, æмæ арвы цъæх се 'хсæнты æрмæст тæрхъусдзармыйас зыны. Бæлæсты аууоны абон дæр хицауиуæг кæны фыдæлты æгъдау. Фыццаг гаджидау алкæддæр рауадзынц Стыр Хуыцауы номыл. Дыккаг — нæлгоймæгты бардуаг, бæлццæтты фæндарастгæнæг æмæ мæгуыртæн æххуысгæнæгæн. Ирон сылгоймæгтæ дзы уæлæрвтæм дæр кæнынц æфсæрмы, хонынц æй нымдгæнгæ: «Лæгты дзуар». Адæмы уырны: кувæндонæй хæссæн ницы ис, суанг хус сыфтæры онг. Абон дæр радзурынц, бынæттон ахуыргæнæг хъæдæй къалиу куыд рахаста, уый тыххæй. Цалдæр боны фæстæ фæрынчын. Бинонтæ кувинæгтимæ ссыдысты Хетæджы Лæгты Дзуармæ, хатыртæ дзы фæкуырдтой, æмæ уæд фæдзæбæх. Ахæм хъуыддаг æрцыд Узбекистанæй æвзонг лæппуйыл дæр – кувæндонæй рахаста кæсæнцæстытæ, æмæ йæ цæстытæ риссын райдыдтой. Бинонтæ æрыздæхтысты хатыргурæг. Ацы бынаты стыр хъару рагон таурæгътæй нæу, фæлæ абон дæр æгас дунейы ирæтты кæй бæтты, уымæй. Хетæджы кувæндонмæ æрмæстдæр нæлгоймæгтæ цыдысты. Фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг ирон сылгоймæгтæ ахызтысты фыдæлтыккон рагон æгъдауы сæрты. Ирыстоны фырттæ...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0