Нати Тедеева - Уадындз

Аватар автора
Поэтический космос
•Ossetian lullaby •Caucasian Lullaby «Уадындз» Ис мæм уадындз кæдæй-уæдæй Сарæзтон æй мыртгæ хъæдæй Ныффу кодтон ,ныззарыдтæн Æнæхъæн ком ныццарыдтон О уæрæйдæ ,о уæрæйдæ О уæрæйдæ ,о уæрæйдæ О уæрæйдæ ,о уæрæйдæ О уæрæйдæ ,о уæрæйдæ Мæ зарынмæ лæплæпгæнгæ Æрхæццæ арс æд лæппынтæ Уызын æмæ хъилхъуса дæр Фæзындысты чысыл фaлдæр Зыгъарæг нæ бафæстиат Къутæрбынæй уый ракасти Æрцыд бирæгъ рувасимæ Арс уæд дзуры: - Цæй , асимæм ! Сырдтæ кæнынц хъыллиппытæ Гæппытæ ‘мæ чъыллиппытæ Чи фæсиры лæулæугæнгæ Чи худæгæй фæуæлгоммæ. #осетинскаякультура

0/0


0/0

0/0

0/0