Хæзныдоны ацыд республикон конкрус «Поклонимся матери солдата»-йы финал

Аватар автора
Фарæстæм маймæ цæттæ кæнынц Хæзныдоны дæр. Уым ацыд «Поклонимся матери солдата» конкурсы финал. Мадзал ныридæгæн сси традицион, æрвылаз æппæт республикæйæ сывæллæттæ аив кæсынц æмдзæвгæтæ æмæ кæнынц хæстон зарджытæ. Ацы хатт архайджыты нымæц дзæвгар фылдæр рауад - ссæдз. Уазджытæн ма бацæттæ кодтой æххæст равдыст. Экспозицийы - сармадзантæ, нæмгуытæ, тохы бынæттæй æфсæддонты хи дзауматæ. Æркаст сарæзтой фарæстæм хатт. Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, уыдоны ном ссарнымæ æрбацыдысты æгас Ирыстонæй. Мадзаларазджыты фидарæй уырны, ахæм хъæппæристы фæрцы рохуаты нæ баззайдзæн нæ адæмы хъæбатырдзинад.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0