Кавказаг инвестицион форум кæронмæ æрхæццæ

Аватар автора
Ацы бонты ахсджиагдæр цаутæй иу — Кавказаг инвестицион форум кæронмæ фæхæццæ кæны. Республикæйы инвестицион авналæнтæ форумы ахадгæ хуызы æвдыст æрцыдысты, ахсджиагдæр экономикон проекттæ цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой инвестортæм. Абон райсомæй равдыст бабæрæг кодта Михаил Мишустин. Премьер-министр федта Цæгат Ирыстоны фæз дæр. Ныхас кодта нæ дæлегациимæ. Уый фæстæ йæ разамындæй уыд Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон райрæзты фæдыл хицауады къамисы æмбырд. Æртæ бонмæ форумы фæзыл нæ дæлегаци бафыста 12 ахсджиаг бадзырды, уыимæ архайдта ахсджиаг фембæлдтыты, сесситы æмæ конференциты. Абон ма Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмгуыстады бадзырд бафыста Цæцæны республикæимæ. Премьер хатдзæгтæ скодта форумы нæ минæвæртты куыстæн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0