Дзӕуджыхъӕуы ахицӕн сты хӕстон-патриотон цӕттӕдзинады ерыстӕ

Аватар автора
Цӕф хæстон хуыссы быдыры, йӕ алыварс гӕрзифтонг фыдгултӕ, фӕлӕ сыстын йӕ бон нӕу. Хӕс — куыд гӕнӕн ис, афтӕ тагъддӕр салдатмӕ баирвӕзын ӕмӕ йын фыццаг ӕххуыс бакӕнын. Ахæм у «Зарница 2.0»-йы фӕлварӕнтӕй иу. 250 скъоладзауӕй фылдӕр абон тох кӕнынц регионалон къӕпхӕны фыццаг бынат бацахсыныл. Дзӕуджыхъӕуы скъолаты 26 командӕйы цӕттӕ сты сӕхи равдисынмӕ алыхуызон здæхтыты. Командӕтӕ райдайыны размӕ сæхи 'хсæн байуарынц хæслæвæрдтæ. Ахсджиаг у алы архайӕджы раз дӕр бӕлвырд хӕстӕ сӕвӕрын. Ӕндӕр хуызы хорз фӕстиуӕг къухы нӕ бафтдзӕн. Бекъойты Айсан — Цӕгат Кавказы Суворовы училищæйы кадет. Зарницӕйы фыццаг хатт нӕ архайы. Фарон йӕ командӕ бацахста ӕртыккаг бынат. Ныртӕккӕ та хъавынц сызгъӕрин майдан байсынмӕ. Лæппу у ныфсхаст, уæдæ йе 'мбӕлттӕ дæр хъæддых зӕрдӕйы уагæй цух не 'ййафынц. Уӕлахизыл тох кӕнынц 18 азы онг фӕсивӕд 6 здæхты: экстремалон уавӕрты аирвӕзын, тактикон медицинӕ, штурмовикты ерыстӕ, хӕстон эстафетӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. «Зарницӕ» у «Фыццӕгты змӕлды» сӕйраг проекттӕй иу. Архайд алкӕмӕн дӕр пайда у. Фӕсивӕдмæ рӕзы фӕразондзинад, координаци, реакци. Азӕй-азмӕ» Зарницӕ» кӕны егъаудӕр, фӕлварӕнтӕ та —зындӕр. Проекты ма ис ерыстӕ хӕстон уацхӕсджытӕн, медиктӕн, æнæпилотон тæхæг аппаратты специалисттӕн ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, граждайнаг здӕхт.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0