Поделиться в MAX

Ахуыры азы райдианы агъоммæ бирӕсывӕллонджын бинонтӕ райстой ӕхцайы сертификаттӕ

Аватар автора
Ахуыры азы райдианы агъоммæ бирӕсывӕллонджын бинонтӕ райстой ӕхцайы сертификаттӕ. Радтой сæ, цыппар кӕнӕ фылдӕр скъоладзаутӕ кӕм ис, уыдонæн. Æххуыс — æрвылазон ӕппӕтуӕрӕсеон акци «Мах иумӕ»-йы иу хай. Ныййарджытæн æхца бахардз кæнын сӕ бон у скъолайы дарӕс, къахыдарӕс кæнæ, зæгъæм, тетрӕдтӕ ӕмӕ ручкӕтыл. Фидӕны фыццагкъласонтӕн дӕр балӕвар кодтой скъолайы хызынтæ. Ӕххуыс райстой 35 бинонтӕй фылдӕр республикӕйы ӕппӕт районтӕй. Фæрæзтæ радта меценат Юлия СерЫх. Акци сарӕзтой «Адӕмон фронт» ӕмӕ «Бирӕсывӕллонджын бинонты иугонд», республикӕйы Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрадимæ иумæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0