Мольеры пьесæ “Мизантроп” фыццаг хатт равдисдзысты Ирон театры сценæйыл
irystontv
Мольеры пьесæ “Мизантроп” фыццаг хатт равдисдзысты Ирон театры сценæйыл. Чызджы зæрдæ — Альцесты ‘рдæм, йæхæдæг та Селименæйы уарзы. Йæ ролы — Гæбуты Жаннæ. Мольеры сфæлдыстад æппæт дунейы дæр зындгонд у. “Мизантропыл” Битарты Алыксандр сæмбæлд студент ма куы уыди, уæд. Уæдæй нырмæ 22 азы рацыд, фæлæ режиссермæ цы ‘нкъарæнтæ сæвзæрын кодта, уыдон æй абон дæр рох не сты. Иуырдыгæй — риссаг фарстатæ, иннæрдыгæй — ирд æмæ хъæлдзæг сценæтæ. Премьерæ уыдзæн 16 ноябры.