РЦИ-Аланийы адæмон артист Дауыраты Эдуард бæрæг кæны йæ 65 азы юбилей
irystontv
🎤 Йæ хъысмæт - зарæг. Йæ сызгъæрин хъæлæс та хуры тынтау аххæсыд, йæ сфæлдыстадæн ын стыр аргъ чи кæны, уыдоныл. 🎂 Цæгат Ирыстоны адæмон артист Дауыраты Эдуард абон бæрæг кæны йæ юбилей. Зарæггæнæгыл сæххæст 65 азы. 🎼 Алæмæты хъæлæсы хицау цал æмæ цал рæсугъд уацмысы балæвар кодта аивадуарзджытæн. Ирон зарджытæ, уырыссаг æмæ дунеон классикæ. Фидæнмæ дæр йæм ис бирæ фæндтæ æмæ нысантæ.