Дзæуджыхъæуы 36-æм скъолайы сбæрæг кодтой Уæрæсейы адæмты иудзинады аз

Аватар автора
Хонгæ, симд, адыгъаг кæфтытæ, мадæлон æвзæгтыл æмдзæвгæтæ, зарджытæ. Дзæуджыхъæуы 36-æм скъолайы — иудзинады бæрæгбон. Сценæйыл театралон скъуыддзаг «Æгъдауджын нана». Скъоладзаутæ дзы равдыстой, æхсæнады царды уаг æмæ ирон æвзаджы уавæр. Сæ алы фезмæлд дæр арф æмæ мидисджын. Æвзонг лæппу йе 'взаг нæ зоны, сыхаг сылгоймаг та кæд хорз дзуры иронау, уæддæр пайда кæны уырыссаг дзырдтæй. 5-æй 10-æм къласы онг скъоладзаутæ сæхи цæттæ кодтой дыууæ къуырийы. Равдыстой адæмтæн сæ цытджын æгъдæуттæ æмæ кæрæдзийы ‘хсæн хæлардзинады ахаст ахсджиаг кæй у, уый. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм æмбырдтæ, æнæмæнг, хъæугæ сты, кæстæрты æвæрынц раст фæндагыл, хъæздыгдæр кæны сæ миддуне, æнувыддæр кæнынц Райгуырæн бæстæйыл. Бæрæгбоны уазджытæ — ныййарджытæ, алы адæмты минæвæрттæ, ЦИПУ-йы ректоры хæдивæг Кокайты Алан, æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнгтæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ ахæм мадзæлттæ хъæугæ сты, цæмæй нæ кæстæрты фæхайджын кæнæм нæ адæмты иудзинады фарнæй æмæ иузæрдион уой нæ иумæйаг Фыдыбæстæйыл. Дзæуджыхъæуы 36-æм скъолайы æппынæдзух арæзт цæуынц тематикон мадзæлттæ. Разамынд æмæ ахуыргæнджытæ сæйрагдæрыл нымайынц сывæллæтты раст хъомылад. Разæнгард сæ кæнынц хорз хъуыддæгты архайынмæ æмæ Ирыстонæн фæзминаг кæстæртæ суæвынмæ. Ныртæккæ дæр цæттæ кæнынц Уæлахизы бон сбæрæг кæнынмæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0