Паддзахадон фонд "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ"-йыл сæххæст 3 азы

Аватар автора
IRYSTONTV
Абон æртæ азы сæххæст Паддзахадон фонд "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ"-йыл. Уыцы рæстæгмæ бæстæйы фидаргонд æрцыд хæстон цауты ветерантæн æмæ æдзард хъæбатырты бинонтæн социалон æххуысы ног системæ. Цæгат Ирыстоны филиал байгом 2023-æм азы 1-æм июны. Кусæндон райста 25 мин курдиаты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ хиуæттæй. Уыдонæй 96 проценты иуварсгонд æрцыдысты. Арæхдæр сидтысты социалон æххуысы æмæ хæстон цауты ветераны æвдисæндар снысан кæныны фæдыл. Уыимæ ма психологон æмæ юридикон æххуысы фæдыл дæр. Æртæ азмæ медицинон лæггад бакодтой 896 адæймагæн. Республикæйы хъыгдард æнæниздзинадимæ 13 æфсæддонæн цæрæнуæтты хъæугæ уавæртæ скодтой, æртæ адæймаджы райстой сæрмагонд хæдтулгæтæ. Фонды æххуысæй республикæйы арæзт æрцыд 500 мадзалæй фылдæр. Ахсджиаг здæхтытæй иу - ветерантæм ахуыры æмæ куыст ссарынмæ фæкæсын. Статс- секретарь, хъахъхъæнынады министры хæдивæг Анна Цивилева куыд зæгъта, афтæмæй фонд йæ æвæрæн хæссы экономикæ, кондады æмæ технологиты райрæзтмæ. Уый фадат дæтты хæстон цауты архайджытæн æххуыс ног æмвæзадмæ ракæнынæн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0