2 аздзыд Аланæ Чженæн хъæуы зынаргь операци скæнын

Аватар автора
IRYSTONTV
Афæдз размæ дæр ма Аланæйыл цæст нæ хæцыд – æппынæдзух хъæлдзæг, цырд. Уæд бинонтæ æнхъæл дæр нæ уыдысты сæ цард цæхгæр кæй фæивдзæн. Сæумæрайсом. Саби цæсты фæныкъуылдмæ аззад иунæгæй. Быроны ведрайæ систа хæтæлтæ сыгъдæг кæнынæн тæнгъæд. Авджы быныл ма дзы иу мур аззад, фæлæ уый дæр фаг уыд ласæггаг басудзынæн. Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рынчындоны реаниматологты къухтæм саби бахауд уæззау уавæры. Йæхицæн йæ бон улæфын нæ уыд. Медицинон кусджытæ æвæстиаты мадзæлттæ уайтагъд скодтой, сæвæрдтой трахеостомæ. Æвирхъауы цауы фыццаг бонтæ чызджы мад Александрæ никуы ферох кæндзæн. Сывæллон тыхс, клиникæтæ, дохтыртæ. Æвæстиаты операцийы йын хъуыд, нæ республикæйы кæй нæ кæнынц, ахæм. Æвирхъау цау æвзæры рдæм фæзынд чызджы фыды æнæниздзинадыл дæр. 33 аздзыд Æлборты Арсенмæ уыд инсульт. Йæ дыууæ къухы дæр нал кусынц. Ныртæкк нæлгоймаг йæхи хуыздæр æнкъары. Фæлæ йæхи мæт æппындæр нæ кæны. Сæйрагдæр ын у йæ чызджы цард. . Цалдæр мæйы Аланæ фæци Мæскуыйы, операцимæ æнхъæлмæ каст. Уыцы рæстæг, æрцыд, æнхъæл цæмæн нæ уыдысты, ахæм цау. Саби йæ рæуджытæй иу фесæфта.Сахадыдта ахсæныл æмæ ласæггагыл. Баххуыс кæнæн ын ис æрмæст Турчы. Операцийы аргъ у æхсæз æмæ æрдæг милуан сомы. Ахæм фæрæзтæ бинонтæм нæй. Ныййарджытæ сидын æххуысы фæдыл, байгом кодтой банчы хыгъд. Æрæджы Аланæ фæтыхст. Ныртæкæ ис реанимацион хайады. фæлæ Æлборты бинонтæ сæ ныфс нæ сафынц. Ахæм уавæры дæр сæм сæ чызг мидбылты бахуды, цардыл хæцы. Æмæ йын хъæуы баххуыс кæнын. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ. Æрмæст иумæйагæй нæ...

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0