Мидхъуыддæгты министрады брифингы æрныхас кодтой кибер фыдракæндты ныхмæ тохыл

Аватар автора
IRYSTONTV
Цæстфæлдахджытæ арæхдæр æрбадзурынц финансон организациты кусджыты, кæнæ тыхы структурӕты минæвæртты номæй. Æлхæнын кæнынц аслам товартӕ интернеты ӕмӕ æхца æнцонæй бакусыны гæнæнтæ амонынц. Уый тыххæй фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады брифингы. Фыдгӕнджытӕ арæх пайда кӕнынц симбокстӕй номыртӕ ивынӕн, стӕй дроппертӕй — давд фӕрӕзтӕ райсынæн æмæ æрвитынæн. Бæрнады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2025 азы республикӕйы срегистраци скодтой 3 мин фыдракӕнды, информацион-коммуникацион технологитӕй пайда кӕнгӕйӕ. Барадхъахъхъӕнджытӕ раргом кодтой 758 цауы. Уыдонæн сæ иумӕйаг зиан рауад 460 млн сомы бӕрц. Банктӕ антифрод-системӕты руаджы фарон баурӕдтой 134 милуан дызӕрдыггаг транзакцийы. Ӕмӕ афтӕмӕй не &14 триллион сомы адавын. Æдасдзинады тыххæй цӕрджытӕн сӕ бон у пайда кæнын кредиттӕй хи бахъахъхъæныны мадзæлттæй, мобилон уæлӕфтуанты цӕстфӕлдахджыты ныхмæ сæрмагонд кънопкæйæ. Ис сервис "дыккаг къух" баиу кӕнæн дæр, цӕмӕй ӕууӕнкджын адӕймаг разыйы дзуапп дæтта операцитыл.

0/0


0/0

0/0

0/0

Скачать популярное видео

Популярное видео

0/0