Сывæллæтты аивӕдты скъолайы уыд ахуыртæ сфӕлдыстадон проект "Мастерская звука"-йы фæлгæты

Аватар автора
IRYSTONTV
Сфӕлдыстадон проект "Зæлты æрмадз"ы фæлгæты Дзӕуджыхъӕуы сывæллæтты аивӕдты скъолайы уыд ахуыртæ фугæнгæ инструменттыл цӕгъдыны фӕдыл. Программӕйы равдыстой блокфлейтӕ, флейтӕ, саксофон ӕмӕ гобой — уыдонӕй райдайы ӕвзонг музыкантты фӕндаг. Аивадуарзджыты бынаты — 4-ӕм гимназы ахуыргӕнинӕгтӕ, уыдон дӕр архайдтой музыкалон равдысты. Фӕсивӕд ног цӕстӕй акастысты аивадмӕ, базыдтой профессионалон сусӕгдзинӕдтӕ фӕлтӕрдджын ахуыргӕнджытӕй. Мадзаларазджытæ фæбæрæг кодтой — ахӕм мастер-класстӕ зын академион процессæй саразынц зӕрдӕмӕдзӕугӕ сфӕлдыстадон архайд. Проект ӕххуыс кӕны сывӕллӕттӕн музыкӕйы дунейы фыццаг фидар къахдзӕфтӕ акӕнынӕн ӕмӕ фидӕны дæсныйад сбӕрӕг кӕнынӕн.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0