Дзæуджыхъæуы уыд культурон нысаниуæгимæ объекттæ бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл уæрæхгонд æмбырд

Аватар автора
IRYSTONTV
Дзæуджыхъæуы уыд культурон нысаниуæгимæ объекттæ бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл уæрæхгонд æмбырд. Архайдтой дзы Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты, уыимæ ма Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæты, Херсоны æмæ Запорожьейы облæстты æххæстгæнæг хицауады уæнгтæ. Ахæм мадзæлттæ ныридæгæн сарæзтой Ростовы æмæ Волгограды облæстты æмæ Хъырымы республикæйы. Ацы хатт ахсджиаг темæйыл ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны минæвæрттимæ. Куысты архайдта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны федералон æмæ регионалон нысаниуæгимæ ис 2 мин объекты. Сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, 360 бæстыхайы сты æнæхицау æмæ уыцы фарстайыл хъæуы кусын. Алы объект дæр хъахъхъæны цытджын истори æмæ сæ фесафæн нæй.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0