«Моя семья»-йы хъомылгæнинæгтæн зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн сæрмагонд хайады скодтой экскурси

Аватар автора
IRYSTONTV
Центр «Моя семья»-йы хъомылгæнинæгтæн зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн сæрмагонд хайады скодтой экскурси. Сывæллæттæ бабæрæг кодтой дæлхайады территори, уым сæ бон фенын уыд зынгхуыссынгæнæн техникæ æмæ фæрæзтæ. Уыимæ ма базонгæ сты зынгвæдисонты куысты фæтк æмæ службæйы уавæртимæ. Хъомылгæнинæгтæн цымыдисаг уыд сæрмагонд хæдтулгæтæ фенын, фадат ма сын уыд хи ирвæзынгæнæгæй афæлварынæн. Экскурсийы рæстæг æнахъомтæн радзырдтой зынгсирвæзты ныхмæ домæнты тыххæй, равдыстой сын артимæ тохы гæрзтæ.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0