Алагиры №2 скъолайы байгом кодтой IT-куб

Аватар автора
IRYSTONTV
Кълæсты нырыккон кусæнгæрзтæ нырма æрæджы сæвæрдтой. Сывæллæттæ сæ æххæстæй гом дæр нæ бакодтой, фæлæ фыццаг робот сæмбырд кæнынмæ уайтагъд ацæттæ сты. Бирæ хъуыдытæ сæм ис, ныр та ма сын фæзынд æппæт гæнæнтæ, цæмæй сæ царды рауадзой. IT- куб баиу кодта æппæты хъæугæ здæхтытæ. IT- кубы ис 6 алыхуызон здæхты: мобилон бакуыстад, уæлæфтуанты кæнынад, программировани, алгоритмикæ æмæ логикæйы бындуртæ, робототехникæ, системон администрировани. Алагиры, Æрыдоны æмæ Дыгуры районты фæсивæдæн сæ бон у дыууæ къорды равзарын æмæ ахуыртæ цæуын 1-æй 11-æм къласмæ. Æдæппæтæй фæнд кæнынц 1мин 500 ахуырдзауы райсын. Уыдон архайдзысты конкурстæ æмæ олимпиадæты, сæхи фæлвардзысты ног цымыдисаг фæзилæнты. Алагиры 2-æм скъолайы IT- куб байгом кодтой нацпроект "Ахуырад"-мæ гæсгæ. Цæгат Ирыстоны ис дыууæ IT- кубы. Сæ иу ныр цалдæр азы кусы Дзæуджыхъæуы. Специалистты ныхæстæм гæсгæ йæ хъомыс стыр у. Ахуырдзаутæ сæ проекттæ æнтыстджынæй æвдыстой Æппæтуæрæсеон æмвæзадыл. Сæхи фæлварынц алыхуызон здæхтыты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сын фидæны дæсныйад равзарын æнцондæр уыдзæн.

0/0


0/0

0/0

0/0