Алагиры 4-æм скъолайы рауагъдонтæн лæварæн ныффыстой зарæг

Аватар автора
IRYSTONTV
Фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбон кадджын уавæры сбæрæг кодтой Алагиры 4-æм скъолайы дæр. Ам бацæттæ кодтой ирд программæ. Æгъдаумæ гæсгæ, фæндарасты арфæтæ, æмдзæвгæтæ, кæфтытæ æмæ уарзон скъолайы тыххæй мысинæгтæ. Царды ног къæпхæнмæ дзы афæндараст кодтой 6 рауагъдоны. Цымыдисаг та сæ бæрæгбон рауад уымæй, æмæ дзы акодтой рауагъдонты зарæг ирон æвзагыл. Ныффыста йæ сæрмагондæй ацы бонмæ фыссæг Гæцойты Аннæ. Алы рауагъдоны тыххæй дæр цыбыр æмæ рæсугъд рæнхъытæ. Ацы бон ма сæ уарзон скъолайы кæрты сты куыд скъоладзаутæ. Уый æмбаргæйæ æвзонг фæсивæд æрхæндæг кæнынц, фæлæ райсом сæ царды райдайдзæн ног, ахсджиаг къæпхæн. Ахуыргæнджыты фæлмæн фæдзæхстытæ, ныййарджыты мидбылхудт, фыццагкъласонтæй æмдзæвгæтæ æмæ хистæртӕй фæндарасты ныхæстæ. Алагиры 4-æм скъола ацы аз рауагъта 6 скъоладзауы. Æрыгон адæм æрмæст ахуыры не сты раззагдæртæ, сфæлдыстады дæр кæнынц æнтыстджын къахдзæфтæ. Æхсæнадон мадзæлтты дæр фыццæгтимæ архайынц. 11 азмæ фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ сывæллæттæн æрмæст зонындзинæдтæ нæ лæвæрдтой, фæлæ ма алы рауагъдоны дæр бавæрдтой адæймаджы хуыздæр миниуджытæ. Ахуыр сæ кодтой райгуырæн зæххы патриоттæ уæвын, ирон æгъдау æмæ дзырдæн аргъ кæнын. Уыдон дæр сæ разамонджытæй сты бузныг. Арфæ сын ракодтой æмдзæвгæты рæнхъыты. Ахуыргæнæг, экономист, математик кæнæ журналист. Сæ цард цавæр дæсныйадимæ сбæтдзысты, уый рагæй равзæрстой. Уыцы нысантæ æмæ бæллицтæм æнтыстджын къахдзæфтæ кæнынц. Бæрæгбон саив кæныныл архайдтой скъоладзаутæ иууылдæр. Суанг ма бавдæлдысты æмæ фыццаг...

0/0


0/0

0/0

0/0