Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг Академион театр бӕрӕг кӕны йӕ 155 азы юбилей

Аватар автора
IRYSTONTV
Аргъауы дунемæ балц райдайы декорацитӕй. Спектаклы премьерӕйӕ бирӕ раздӕр бацӕттӕ кӕнынц сценӕ. Кæд æй нырма ӕппӕт ахорӕнтӕй нӕма сфæлыстой, уæддæр ахӕм хуызы дӕр зӕрдӕ ӕлхӕны. Тагъд залмæ театрдзаутæ æрбамбырд уыдзысты æмæ та сӕ разы февзӕрдзысты зындгонд аргъау "Гӕды цырыхъхъыты"-йы уарзон хъайтартӕ. Спектаклы премьерӕ декабры уыд ӕмӕ адӕмы зæрдæмæ тынг фæцыд. Ацы рӕсугъддзинад та у ӕнӕхъӕн командӕйы архайд. Режиссертӕ, нывгӕнджытӕ, композитортӕ, костюмертæ æмæ декоратортӕ сценӕйы ӕдде кусынц, фӕлӕ сын сӕ фæллой кӕддӕриддӕр уыны аивадуарзæг. Уыдон сфæлдисынц, адæймаджы комкоммӕ историмӕ чи ахӕссы, ахӕм уавæртæ. Рæсугъд галуан уа ӕви хъӕд — специалисттӕ алцæй фæлгонц дӕр саразынц. Ӕмӕ сӕйраг элемент, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, артисттæ сты, сæ дарæс иууылдæр лыстӕг хъуыдыгонд у. Зӕгъӕм, англисаг комеди "Мистер Пим"-ы эскизтӕ. Алы спектаклӕн дӕр йæ дарæс у сæрмагонд. Хуыйджытæ цыфæнды ныфсхаст хъуыдытӕ дæр рауадзынц царды, сӕ къухты хуымӕтӕг хъуымӕцтӕй рауайы аивадон уацмыс. Уæвгæ, Уырыссаг театры спектакльтæ иууылдæр ӕнтыстджын рауайынц. Уымæн æмæ сыл кусы æмвæнд командӕ. Сæ куыст сын у, уд кӕдӕм тырны, ахæм бынат. Афтӕ нымайы режиссер Хъӕрджынты Изабеллӕ. Ацы сценæйыл æвæры иуӕндӕсӕм спектакль. Уырыссаг театр байгом 155 азы размӕ, 1871-æм азы 15 апрелы сценӕйыл ахъазыдысты "Маскарад". Театр царди Импери, Советон Цӕдисы ӕмӕ цæры нырыккон Уӕрӕсейы дæр. Куыста-иу суанг тӕккӕ зындӕр рӕстӕджыты дӕр, бантыст ын культурæ схъæздыг кæнын. Йӕ историимӕ ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ баст сты Евгений...

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0