Хуссар Ирыстоны президенты цур ирон национ зарæджы Паддзахадон хорæн Дзæуджыхъæуы уыд концерт

Аватар автора
IRYSTONTV
Намысы мемориалы куыстытæ сты сæ тæмæны. Цæуы дзы цыртдзæвæн “Послы у императрицы”-йы рацарæзт. Специалисттæ ныффидар кæндзысты гранитон уæлцъар, хæйттæ байсæрддзысты уымæлы ныхмæ буаргъæдæй. Саст плитатæ сног кæндзысты. Комплекс иу хатт дæр цалцæггонд нæ уыд. Рацараздзысты скульптурæтæ дæр. Бронзæйæ конд хæйттæ ссыгъдæг кæндзысты, базилдзысты сæм. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ мемориалон комплексæн ис ахсджиаг нысаниуæг республикæйы царды. Æвдыст дзы æрцыд вазыгджын историон цау – регион Уæрæсейы хыгъдмæ кæй бацыд, уый. Рацарæзт фæуынвæнд кæнынц 9-æм маймæ. Куыстытæ цæуынц культурæйы райрæзты муниципалон программæйы фæлгæты. Æдæппæтæй ацы аз снысан кодтой дыууæ объекты цалцæг. Дыккаг та – Кировы хидыл цы домбайтæ ис, уыдон.

0/0


0/0

0/0

0/0

0/0